Стыр Британийы æмбæстагы марындзинады фактыл, зылынмæ лæвæрдтæн, 20 æмæ 21  азæй  ахст стæрхон ис
Стыр Британийы æмбæстагы марындзинады фактыл, зылынмæ лæвæрдтæн, 20 æмæ 21 азæй ахст стæрхон ис

Гуры районон  тæрхондон æххæстæй  сразы ис  прокуратурæйы бавдыст   бæлвырдгæнæнтимæ æмæ  Британйиы æмбæстагы  къордонæй,  уый бастигъыны  нысанæн  амарыны, афтæма  къордонæй бастигъыны   зылынмæ лæвæрд уæнгты  20  æмæ 21  азæй, æрмæст  сæрмагондæй уæззау  фыдракæнд бамбæхсыны  тыххæй  зылынмæ  лæвæрдæн та 6  азæй  ахст  стæрхон кодта – уый фæдыл  информаци, хъусын кæны  прокуратурæ.

Фæдагурæг уагдоны  хъусинагæй,   тæрхоны процессы рæстæдж  бацахуыргонд  бæлвырдгæнæнтæй  сбæрæги, цæмй 2021  азы 7  октябры, Гуры, цыппар  уæнгы, сæ нымæцы иу æнахъом, балæбурдтой  Стыр Британийы  æмбæстагмæ, байстой йын йæ телефон,  банкон пластикон  картæ  æмæ æхца.

«Фæнысангонды фæстæ зылынмæ лæвæрдтæ,  фыдракæнд бамбæхсыны  нысанæн,  зианбавзарæгы фыднад скодтой æмæ стæй Куары  фæдæлдон  кодтой.

Барадхъахъъхæнджытæ  зылынмæ лæвæрд  сæ  фондз гоймагы дæр  10 октябры æрцахстой.  Гуры районон тæрхондон  зылынджынтыл банымадта  сæ фондз дæр.  Уæззау аууæлтты  барæй  марынзинады, афтæма  къордонæй бастигъыны  тыххæй,  зылынмæ лæвæрд уæнгтæн  20  æмæ 21  азæй, æрмæст  сæрмагондæй уæззау  фыдракæнд бамбæхсыны  тыххæй  зылынмæ  лæвæрдæн та 6  азæй  ахст  стæрхон кодта. Æнахъом зылынмæ лæвæрдæн  уынаффæ  снысан кæнынæн рабадт,  æнахъомты  расттæрхоны  кодексы  æркуырдтæм æмбæлгæйæ,  тæрхон рахæссынæй   7 боны æмгъуыдмæ  ацæудзæн» –  банысангонд у  прокуратурæйы информацийы.