Тæрхондон раздæры хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзейæн 10 азы ахæстоны фæбадын стæрхон кодта
Тæрхондон раздæры хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзейæн 10 азы ахæстоны фæбадын стæрхон кодта

Тбилисы горæтон тæрхондон хихъахъæнады раздæры министр Джуаншер Бурчъуладзейæн 10 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ дыууæ азы дæргъы йæ бынатмæ бацæуын нæ баурæдта.

Уый фæдыл тæрхонгæнæг Ираклий Хускъивадзе цъус размæ расидтис.

Джуаншер Бурчъуладзе йæ исбонæй байстой – Испанийы зæххы фадыг æмæ йыл хæдзар, афтæ дæр Цкънеты районы хæдзар æмæ лæууæн бынат.

Хъахъхъæнынады раздæры министр Джуаншер Бурчъуладзейы 194-æм статьяйы 3-æм хайы дæлпункт «в» æмæ 332-æм статийы 2-аг хайы аххосагæй аххосджын кæнынц, кæцы официалон бартæй æнæзакъонæй пайда кæнын æмæ æнæзакъонон æфтиæгты легализацимæ хауы. Бурчъуладзейы аххосджын кодтой æнæзакъонон æмæ æнæбындурон æфтиаг 1 593 212 ларийы бæрц легализацийы.

Афтæ дæр фæдæвзарæнмæ гæсгæ, 2025-æм азы марты Хуаншер Бурчъуладзе æмæ йæ бинойнаг исбон балхæдтой Испанийы 544 000 евройы аргъæй. Исбоны равзæрды бамбæхсыны æмæ æмбæхсыны нысанæй, Цъхънеты хъæуы уæвæг æнæзмæлгæ мулкæн æртыккаг фарсимæ бафыстой фиктивон æлхæды бадзырд.