Тæрхондоны  фæдыл рæстæгмæ  фæдагурæг комиссийы  саразыны фарстайыл  хъæлæскæнынад  райсом ацæудзæн
Тæрхондоны фæдыл рæстæгмæ фæдагурæг комиссийы саразыны фарстайыл хъæлæскæнынад райсом ацæудзæн

Тæрхондоны фæдыл  рæстæгмæ  фæдагурæг   комисси саразыны   фарстайыл   хъæлæскæнынад   парламенты   абон нæ ацæудзæн.

Журналисттæн  парламенты  процедурон фарстаты  комитеты сæрдар Ираклий Кадагишвили   куыд фехъусын кодта афтæмæй,   халæппæрст  райсом  ацæудзæн.

«Оппозицийæн кæд мобилизацийы проблемæ ис, уый  æндæр никæй проблемæ у.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, фæдагурæг   комисси  уыдзæн  политикон хифæкæныны   инструмент  тæрхонон хицауады. Æвæццæгæн оппозицийы  стыр хайы æрдгæй   уыдзæн архайд, цæмæй  12  рекомендацийы иуæй-иу пункт  кæцы тæрхондонмæ æххæссы, максималонæй базиан кæной.   Уырнæг дæн, цæмæй ацы комиссийы  куысты  фæстиуæг  уыдзæн  уый, цæмæй уыцы  пропагандæ кæцы  азты дæргъы  уыд    тæрхонон хицауадæн разнаггад кæнынæн,  сбæрæг уыдзæн,  цæмæй  у хуымæтæг пропагандæ,  кæцыйы фæстæ реалон факттæ  нæй», –   загъта Кадагишвили.