Тæрхондон Лазаре Григориадисы ахсты ныууагъдта
Тæрхондон Лазаре Григориадисы ахсты ныууагъдта

уПъæлицæйагмæ бырсты  æмæ дзаума  базиан кæныны  фактыл   зылынмæ лæвæрд  Лазаре   Григориадисы  ныхмæ  æфхæрды мадзалæй   тæрхонгонд  ахсты фæдыл уынаффæ   тæрхондон йæ тыхы ныууагъдта.  Тæрхонгæнæг   не сразы ис  иргъæвæг фарсы  æркуырдимæ  20 000 ларийы бæрц  цъынды  стæрхон кæныны фæдыл.

Рабадтыл   иргъæвæг фарсахсты  цъындыйæ фæивын куырдта,  уый бакомкоммæ æркуырд уыд   прокуррормæ,  кæцы  Лазаре Григориадисы  ахсты  ныууадзын   куырдта.

Лазаре Григориадис  рабадтыл  банысан кодта, цæмæй бамбæхсын нæ хъавыд.  «Бамбæхсыны  фæндон  мæм куы  уыдаит,  иу мæймæ   бамбæхстаин.  Уыцы   дарæсы кондæй   мæ æрцахстой, кæцыйы  конд  уыдтæн   акцийыл  æмæ  йæ не скуынæг кодтон», –   банысан кодта  зылынмæ лæвæрд.

Тæрхондон  рабадты параллелонæй  Лазаре Григориадисы ссæрибар кæныны  æркуырдæй. Протестон  акци   цыдис. Акцийыл уыдысты  активисттæ æмæ политиктæ.

Руставелийы  проспектыл  7, 8, 9 марты  уагъд акцитыл  пъæлицæйæгтæм бырсты æмæ  дзаумæ базиан кæныны   факттыл  зылынмæ лæвæрд   Лазаре Григориадис, протестон  акцийыл   пъæлицæйы  кусджытыл   дуртæ æмæ а.х.  молотовы коктейльтæ   фехста, кæцыйы фæстиуæгæн     зиæнттæ райстой  барадхъахъхъæнджытæ.  Фæдагуырды  хъусинагæй,   зылынмæ лæвæрд  арт бафтыдта   мидхъуыддæгты министрады  сæрмагонд  хæдтулгæйыл.