Стамбулы Сауды Аравийы генералон консул Туркæй ацыд. Туркаг медийы информацийæ, Мохаммад ал-Отаиб Эр-Риадмæ, журналист Джамал Хашогы фæтаруыны хъуыддагыл фæдæвзарыны цыды рæстæджы араст ис.
Турчы фæсарæн хъуыддæгты министры Мевлут Чавушогълуйы фидиуæнæй, хъæугæ цауы полици гæнæн ис, САуды Аравийы консулады кусджыты æрфæрса. Турчы хицауады информацийæ, фæдагуырд Сауды Аравийы консулады ссардта бæлвырдгæнæн ома Хашогы амардтой. МЕдийы хæлиу кæны информаци цæмæй Сауды Аравий марындзинадыл басæттын хъавы. Сауды Аравийы уæвы АИШ-ы паддзахадон нымæрдар дæр.
Журналист Джамал Хашог, кæцы Сауды Аравийы хицауады критикæйæ хицæн кодта, фæтар ис 2 октябры.