Турчы мидхъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Стамбулы  æрцæугæ  спырхы  гуырысхогонд  асхт у
Турчы мидхъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Стамбулы æрцæугæ спырхы гуырысхогонд асхт у

Гуырысхогонд  кæцы  Стамбулы Истиклалы проспектыл   бомбæ ныууагъдта  æмæ  спырх сыххæст кодта, ахст у –  уый фæдыл Турчы мидхъуыддæгты министр  Сулейман  Соилу  фехъусын кодта.

Турчы  хицауады минæвары дзырдæй,   рагафон   аргълæвæрдæй,  теракты  фæдыл бардзырд   Цæгат Сирийы  уæвæг   горæт  Аин  Ал-Арабийæ   уыд лæвæрд, цы ран   «Курдистаны  Кусджыты Партийы» æмæ   курдæгты  къорд   «Адæмон  Хъахъхъæды  Иугæндты»   штаб-хæдзар ис.  Сулейман  Соилуйы  фидиуæнæй,  Турк  адарддæр кæндзæн  йæ   хъæддых æмæ  закъонон    хæст  терроры ныхмæ.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй,  Стамбулы  теракты фæстиуæгæн аст адæймаг  амард, 81  та фæцæф сты.   Цæфтæй   50  рынчындæттæй   нырид рафыстой, 5  та  реанимацион   хайады сты.