Ираны Исламон Революцийы хъарагъулы корпусы сæрдары ингæны цур  спырхы фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц 100-ы онг фæфылдæр ис
Ираны Исламон Революцийы хъарагъулы корпусы сæрдары ингæны цур спырхы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 100-ы онг фæфылдæр ис

Ираны Исламон Революцийы Хъарагъулы корпусы  сæрдары, Солейманы  ингæны цур æрцæугæ  спырхы  фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц  100-мæ ахæццæ  ис.  Информаци хъусын кæны «Ройтер».

Ираны паддзахадон телеуынынаы  хъусинагæй,   нырма – иу, стæй та  дыккаг   спурхæрцыд  бæстæйы хуссар-ныгуылæны  горæт  Керманы, церемонийы  рæстæджы, кæцыйы  фæстиуæгæн   иууыл   цъус  100 адæймаг амард, 170-йæ фылдæр та фæцæф сты.

Иуæй-иу  ирайнаг информацион агентадтæ хъусын кæнынц, цæмæй цæфты  нымæц бирæ фылдæр у.

«Ройтер» куыд фыссы, афтæмæй.ю официаорн уæнг   Ираны  паддзахадон   информацион агентад  «IRNA»-н фехъусын кодта,ц æмæй «Креманы  удхаргæнджыты  ингæны æрдæм фæндагыл арызт дыууæ  рæмудзæг гарзæг  террористтæ  дистанционæй спырх кодтой».

Бырстыл бæрн йæхимæ  иунæг   къорд дæр  нæ систа.