Стамбулы  уады фæстиуæгæн цыппар адæймаг фæхъуыд æмæ  38 фæцæф сты
Стамбулы уады фæстиуæгæн цыппар адæймаг фæхъуыд æмæ 38 фæцæф сты

Стамбулы  уад-дымгæйы фæстиуæгæн  цыппар адæймаг амард æмæ  38 фæцæф сты.  Уый фæдыл  информаци   бæстæйы æнæнизхъахъхъæды  министрад  ахæлиу кодта.

Уагдоны куыд хуъсын кæнынц  афтæмæй,   цæфтæн æндæр  æмæ æндæр типы  травмæтæ ис.

Фæлдæхт  бæлæстæ æмæ дæсгай  бæстыхай æнæуæлхæдзар.

Уады тыххæй  Босфоры  докъубалы  науты змæлд  рæстæгмæ урæд уыд, уыцы æфсонæн Стамбулы аэропорты  цалдæр  рейсы райсын нал бантыст.

Стихийы рæстæджы  уады  тагъдад  Стамбулы  уыд  129км/с.