Турчы горæт Стамбулы, Долмабахчейы галуаны Украинайы æмæ Уæрæсейы делегациты бадзырдтæ цæуынц.
Делегациты сконд ивд нæу. Украинаг делегацийы æрдгæй бадзырдты хайад исы Украинайы хъахъхъæнынады министр Олекси Резников, афтæма хицаугæнæг фракцийы лидер Давит Арахамиа æмæ Украинайы президенты офисы къухдариуæггæнæг Михайло Подоляк. Уырыссаг делегацийæн къухдариуæг кæны Уæрæсейы преизденты æххуысгæнæг Владимир Медински.
Бадзырдты сæйраг нысан у æхсты фæурæды тыххæй æрныхас кæнын. Бадзырды размæ, фарсытимæ фембæлд æмæ сæмарфæйы ныхасæй баздæхт Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан. Ахæлиугонд кадрты куыд зыны афтæмæй, делегациты сконды фылдæр уæнгтæ сты Минскы фембæлдтимæ абаргæйæ.
Турчы президент йæ рацыды рæстæджы хъусдард раздæхта хæцæн архæйдтытæ фæурæды æнæмæнгхъæуындзинадыл. Эрдогъаны дзырдæй, Турк сыххæст кодта æхсæны лæгы роль. Эрдогъан афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй Турк цæттæ у Уæрæсейы президент Владимир Мутины æмæ Украинайы президент Володимир Зеленскийы фембæлдæн сфысым кæна.