SpaceX-ы бындурæвæрæг Тайланды лæгæтæй сывæллæтты ракæнынæн мини дæлдон науы фæлварын райдыдта [видео]

Илон Маскъ   тайланды  лæгæты баззайгæ   сывæллæтты   ракæынынæн, мини   дæлдон  науы  фæлварын   райдыдта.  Компани SpaceX-ы бындурæвæрæг   уый  æвдисæг   видео   социалон хызаг  Twitter-ы сæрмагонд   веб-фарсыл равæрдта.

Бæрæг куыд  у  афтæмæй,   специалонæй   Тайланды  цæугæ  операцийæн арызт  мини дæлдон науы  компани SpaceX-ы сæрмагонд ракетæ «Фалькон 9»-ы  хæйттæй  сарызта.  Уый  Лос  Анджелесы,   сæйрмагонд   бассейны  багæрстой.

Илон Маскъ Twitter-ы афтæдæр ныффыста,  цæмæй Тайланды   лæгæты уæвæг  уынгæг  рацæуæны   сывæллоны йас  дæлдон  нау  рацæудзæн.  Афтæдæр зæгхгæ  уый   æгъгъæд   рæуæг  у  уый тыххæй,  цæмæй  йæ   дыууæ дæолдондзогы  ахæссой.

Операци райдианмæ  Илон Маскъ  тайландмæ йæ инженерты  дæр арвыста. Уыдон сывæллæтты  ирвæзынгæнæн операцийы  исынц  хайад.

Тайланды лæгтæы  баззайгæ   сывæллæтты  ирвæзынгæнæн  операци  8  июлы   сæумæрайсом райдыдта.  Ац ырæстæгмæ   ирвæзынгæнæг   къорд   æрмæст цыппар  лæппуыйы ракодта  æддæмæ. Хуыцаубон  изæр, операци рæстæгмæ  урæд æрцыд.  Аххос  уыд   лæгæты туаггуыры хъуагдзинад,  кæцыйы   сног кæнынæн  хъуыдис  бæрæг  рæстæг.

11-æй  16 азы онг   кары   футболон æмбырлгонды уæнгтæ æмæ   сæ тренер  Тайланды   лæгæтмæ  дыууæ кхуырийы размæ  бацыдысты.   Растдæр  ацы рæстæджы   дон длæгæтмæ бацæуæн  сыхкæдта.  Сæ  фæд  ирвæзынгæнджытæ  æрмæст 10 боны фæстæ ссардтой.