Илон Маск – Европæйы лидерты фæнды Уæрæсеимæ иудадзыг хæст, ноджы цал ныййарæджы баззайдзæн æнæ сывæллæттæй? Сæ логикæмæ гæсгæ, уый никуы фæвæййы
Илон Маск – Европæйы лидерты фæнды Уæрæсеимæ иудадзыг хæст, ноджы цал ныййарæджы баззайдзæн æнæ сывæллæттæй? Сæ логикæмæ гæсгæ, уый никуы фæвæййы

Европайы лидерты фæнды Уæрæсеимæ иудадзыг хæст – уый фæдыл АИШ-ы хицауады эффективондзинады департаменты къухдариуæггæнæг Элон Маск социалон хызæгты ныффыста.

“Фæнды сæ иудадзыг хæст.” Цал ныййарæджы ма хъуамæ баззайа æнæ сывæллонæй? Цал сывæллоны ма хъуамæ баззайа æнæ фыдæй? «Сæ логикæмæ гæсгæ, уый никуы фæвæййы», – фыссы Илон Маск.

Маск апарахат кодта Данийы премьер-министр Метте Фредериксены расидæн, кæцыйы уый загъта, цæмæй Украинæ хъуамæ фæуæлахиз уа хæсты, уымæн æмæ хæст ныр куы æрлæууа, уæд Уæрæсейæн уыдзæн фадат фылдæр фæрæзтæ æмæ адæмы æрæмбырд кæнын æмæ гæнæн ис æмæ æндæр европæйаг бæстæмæ æрбабырса.