МХМ-ы информацийæ, стихийы  зонæйæ ныридæгæн раластой  70-ы онг æмбæстагы
МХМ-ы информацийæ, стихийы зонæйæ ныридæгæн раластой 70-ы онг æмбæстагы

Мидхъуыддæгты министрады  пресс-куысты  информацийæ, Онийы муниципалитеты    стихийы   зонæйæ   нырид  ракодтой   70-ы онг æмбæстагы.

«Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ Онийы   муниципалитеты  цæугæ ирвæзынгæнæн   мадзæлтты фæстиуæгæн,  стихийы зонæйы  уæвæг 70-ы онг æмбæстагы  æдас территоримæ  аластой» –  уый фæдыл   хъусын кæнынц  МХМ-ы.

Афтæма сæ информацийæ,  арæйнон пъæлицæйы   хæрдмæтæхджытæ нырид   сыххæст  кодтой æртæ  тахты æмæ бынатыл   ирвæзынгæнæн   мадзал  дарддæр кæны.

«Стихийы  бынаты  мидхъуыддæгты министры   хæдивджытæ, Иосеб Чъелидзе  æмæ Гиорги  Бутхузи,  уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг куысты  хистæр –  Теймураз  Мгъебришвили  сты æмæ  ирвæзынгæнæн   мадзалæн   къухдариуæг кæнынц.

Мадзалы баст  сты арæйнон пъæлицæйы   дыууæ хæрдмæтæхæг, министрады  уæлтвæтк уавæрты    фæткжар  куысты  зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджытæ,  пъæлицæйон  хайадты   кусджытæ  æмæ алы  æмбæлгæ    паддзахадон уагдоны   минæвæрттæ»   -банысан кодтой  МХМ-ы пресс-куысты.