Сомихыстоны  медиа - Уæрæсейаг хор æввахс сахатты мидæг Сомихыстонмæ ласт æрцæудзæн, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны территориты уылты
Сомихыстоны медиа - Уæрæсейаг хор æввахс сахатты мидæг Сомихыстонмæ ласт æрцæудзæн, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны территориты уылты

Уæрæсейаг хор Сомихыстонмæ хæстæгдæр сахæтты ласт æрцæудзæн, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны территориты уылты. Сомихаг медийы информацийæ, уый фæдыл Уæрæсейы «Хуссар Кавказы æфсæнвæндаджы» директор Алексей Мельников Ереваны пресс-конференцийыл фехъусын кодта.

Алексей Мельниковы ныхæстæм гæсгæ, «фыст цæуы ног истори», Сомихыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æфсæнвæндаджы бастдзинад байгом кæнынц.

«Хæстæгдæр сахæтты Азербайджаны территорийæ Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн 15 вагоны уæрæсейаг хорæй дзаг, уый фæстæ та Сомихстонмæ», — загъта Мельников.

Уæрæсейы «Хуссар Кавказы æфсæнвæндаджы» директор æрдзырдта Азербайджаны уылты Сомихыстон æмæ Казахстаны ‘хсæн уæзтæ ласыны ахсджиагдзинадыл.

«Ныр нын ис фадат Сомихыстонæй Казахстанмæ, Уæрæсемæ æмæ æндæр бæстæтæм уæзтæ ласын. Нæ бон у суанг Китаймæ контейнерон æрвитæнтæ сорганизаци кæнын», — загъта Мельников.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ног фæндаг ахъаз уыдзæн Ларсийы уадзæн пункт æруадзынæн æмæ Сау Денджызы хæрз зынаргъ хайыл уæзтæ ласын асламдæр кæндзæн.

«Нæ партнертæн, кæцытæ Сомихыстонмæ ласынц уæзтæ, хор æмæ нефты продукттæ, ай у нысаниуæгджын маршрут.Уый уыдзæн æркуырд нæ партнертæй», — загъта Мельников.