Экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы рабадт уагъд æрцыд Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны премьер-министрты æмсæрдарæй
Экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы рабадт уагъд æрцыд Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны премьер-министрты æмсæрдарæй

Дыууæ бæстæйы экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы рабадт уагъд æрцыд Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны премьер-министрты æмсæрдардзинады бын.

Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, æхсæнхицауадон къамисы 15-æм рабадтыл, Ираклий Къобахидзе æмæ Никол Пашинян æндæр æмæ æндæр секторты партнерады фæарфдæр кæныны позитивон динамикæ æмæ фидæны перспективæтыл фæныхас кодтой.

Гуырдзыстоны премьер-министр бахахх кодта Сомихыстоныимæ стратегион партнердзинад, рæзгæ æмкуыстдзинад æмæ регионы стабилондзинады нысаниуæг.

«Нæ бæстæты æхсæн сырæзт æндæр æмæ æндæр форматтæ, кæцы позитивонæй æндавы нæ партнерады размæцыдыл.Сомихыстон æнæфæцудгæйæ ис Гуырдзыстоны фыццаг дæс базарадон партнеры æхсæн.Цыдæриддæр та хауы Сомихстонæй Гуырдзыстонмæ уазджыты нымæцмæ, ацы æрдгæй, Сомих ис фыццаг æртæйы.

Регионы стабилондзинад бахъахъхъæнын тынг ахсджиаг у. Райгонд стæм, фæстаг рæстæг нæ регионы цы тенденцитæ фæзынд, уыдонæй. Сымах æмæ Азербайджаны æхсæн цы сабырадон бадзырд бафыстæуыд, уый тынг нысаниуæгджын уыд. Æппæт уыдæттæ дæттынц иттæг хорз бындур, цæмæй ноджы стырдæр æркæсæм нæ регионы фидар кæнын æмæ размæцыдыл», -расидтис Ираклий Къобахидзе.

Сомихыстоны Хицауады Сæрдар бузныг загъта Гуырдзыстоны Хицауады Сæрдарæн Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн сабырадон процессæн æппынæдзух йæ фарсылхæцындзинады тыххæй æмæ хъусдард аздæхта дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон-экономикон бастдзинæдты рæзты позитивон динамикæмæ.

«Хæдбардзинады бонæй фæстæмæ Сомихыстонмæ цæуынц поездтæ Гуырдзыстонæй, æмæ нæ ныфс ис, цæмæй æфсæнвæндаджы змæлды фæстиуæгæн, базарад ноджы фылдæр сырæздзæн. Ацы хъуыддаджы уæ æххуыс у æнæаргъ. Гуырдзыстоны æххуысæй фæарфдæр ис æртæфарсон базарад æмæ ахастытæ Сомихы, Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн. Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн сабырад, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ регионты фæхуыздæр уыдзæн. æнæмæнгæй æххуыс кæнынц Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, суверенитетæн æмæ политикон хæдбардзинадæн Нæ адæмты æхсæн историон ахастытæ сты тынг хорз æмæ позитивон Уый у æнæмæнгхъæугæ æмæ нысаниуæгджын аргъдзинад», – банысан кодта Никол Пашинян.

Экономикон æмкуыстдзинады фæдыл Гуырдзыстон-Сомихыстоны æхсæнхицауадон комисы рабадтыл дыууæ бæстæйы хицауады уæнгтæ истой хайад.