Сомихыстоны  коронавирусæй  инфициргондты  нымæц  45-ы онг райрæзтис
Сомихыстоны коронавирусæй инфициргондты нымæц 45-ы онг райрæзтис

Сомихыстоны  коронавирусæй  инфицирдзинады  15 ног цау  сбæлвырд ис.  Уый фæдыл   бынæттон  медиа  бæстæйы  æнæнизхъахъхъæды министр,  Арсен Торосяныл æнцойæ  хъусын кæны.

«Ис нæм ноджы 15  цау.  Сæ иу  хай  изолиргонд уыдысты.   Иннæты   контакттæ  ахуыр кæнæм. Æмтгæй  райсгæйæ   45  цау ис,  иу  сдзæбæх ис», – хъусын кæны  Сомихыстоны  æнæнизхъахъхъæды уагдоны  къухдариуæггæнæг.

Коронавирусы тыххæй   Сомихыстоны  уæлрадон  уавæр  æрбайстой.