Сомихыстоны абонæй уæлрадон уавæр æрбайстой
Сомихыстоны абонæй уæлрадон уавæр æрбайстой

Сомихыстоны абонæй  уæлрадон  уавæры  режим  скусын кодтой.

Уый фæдыл скуыддзаг, Сомихыстоны  хицауады уæлрадон рабадтыл рахастой.

Хицауады  уынаффæйæ   Слмихыстоны   уæлрадон уавæры режим  16  марты  изæры   17:00 сахатыл скусдзæн  æмæ  16 апрелы  09:00  сахаты онг аххæссдзæн.

Уымæй  уæлдай ма фæбæрæг ис, цæмæй  Сомихыстоны æмæ Уæрæсейы  æхсæн æмбæстæгты  дыууæрдæм цыд,  дыууæ къуырийы æмгъуыдæ  урæд  æрцæудзæн.

Фæнысангонды фæдыл  бадзырд   Сомизыстоны  премьер-министр Никол Пашиняны æмæ  Уæрæсейы  хицауады сæргълæууæг Михаил Мишустины  æхсæн, телефонæй ныхасы  фæстæ  баххæст ис.

Фарсытæ æрныхас кодтой, цæмæй  зæгъгæ  дыууæдæр бæстæйы æмбæстæгты фыдыбæстæмæ  æрыздæхынæн, иумæйаг  къахдзæфтæ  сараздзысты.

Уæлрадон  уавæр расидыны фæдыл  хиуауады скуыдздаг абон  парламенты рабадтыл хъуамæ сфидар уа.

Сомихыстоны коронавирусæй  инфициргондты  нымæц  30-ы онг  райрæзт.

Ноджы 300 адæймаг  карантины сты.