Синоптикты  прогнозæй, фыццаг ноябрæй Гуырдзыстоны  лæудзæн  хъарм  æмæ сур боныгъæд
Синоптикты прогнозæй, фыццаг ноябрæй Гуырдзыстоны лæудзæн хъарм æмæ сур боныгъæд

Æрдзы националон агентады  информацийæ,   ноябры  онг ныгуылæн Гуырдзыстоны   лæуудзæн сур æмæ хъарм  бонтæ.  Уæлдæфы температурæ уыдзæн  +17, +22 гнрадусы  фæлгæтты.

«27 æмæ 30  октябры хурыскæсæн Гуырдзыстоны  хицæн районты  гæнæн ис  чысыл дæлдзырæттæ æмæ мигъ  рабадын.  Температурæ  +9, +14 градусы фæлгæтты  уыдзæн.  Иннæ  бонты  сур юоныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, температурæ  +12,+17 градусы онг   схъарм уыдзæн.

Фыццаг ноябрæй   бæстæйы  территорийы фылдæр хайыл  уыдзæн хъарм  æмæ сур боныгъæд» хъусын кæнынц  æрдзы националон агентады.

Афтæма сæ информацийæ, Тбилисы  27 æмæ 30 октябры  гæнæн ис мигъ  æмæ кæъвда  сфиксир уа.

«Температурæ  +10, +12  градус уыдзæн, иннæ бонты та, фылдæр  сур  боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, температурæ +14, +16 градусы онг схъарм уыдзæн. Фыццаг ноябрæй  та ноджы 4-5 градусæй  схъарм уыдзæн» –  хъусын кæнынц   æрдзы  националон агентады.