Синоптикты  прогнозæй, 2-3 апрелы хъарм æмæ æнæдæлдзырæттæ боныгъæд лæудзæн, Гуырдзыстоны хурныгуылæны  температурæ гæнæн ис 29 градусы онг схъарм уа
Синоптикты прогнозæй, 2-3 апрелы хъарм æмæ æнæдæлдзырæттæ боныгъæд лæудзæн, Гуырдзыстоны хурныгуылæны температурæ гæнæн ис 29 градусы онг схъарм уа

Æрдзы националон  агентады информацийæ, 2-3 апрелы  бæстæйы территорийы  фылдæр  хайы  лæудæн хъарм æмæ  хурджын бонтæ.

Синоптикты прогнозæй,  Сау Денджызы  донбыл районты æмæ  Колхеты  тæрфы  уæлдæфы  температурæ гæнæн ис +24,+29  градусмæ  схиза.  Афтæма сæ инцормацийæ,  4 апрелы   ранæйрæтты  цыбыр къæвда  арвнæрдимæ æмæ  фибар  уад  у  æнхъæлмæкæсинаг.

«Тбилисы  хъарм æмæ хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ  бонæй  +22, +24  градусы онг схъарм уыдзæн.  4 апрелы   дымдзæн   цæгат-ныгуылæны   æрдæмады  уад.

Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти): 2 -3  апрелы   хъарм æмæ  хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг.  Уæлдæфы  температурæ    бонæй  +27,+29   градусы  онг  схъарм уыдзæн.  4 апрелы  сæумæрайсомы   сахатты   цыбыр кæъвда  арвнæдримæ æмæ  фидар уад у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы  температурæ дæр фæуазал уыдзæн.

Кахеты (Сагареджо, Телав, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро):  2-3 апрелы хъарм æмæ  хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг.  Уæлдæфы температурæ  бонæй  +24, +26  градусы онг схъарм уыдзæн.4 апрелы хъармы офнлы , ранæй-рæтты цыбыр къæвда арвнæрдимæ æмæ  тыхджын  дымгæ  у  æнхъæлмæкæсинаг» – банысангонд у æрдзы националон  агентады информацийы.