Синоптикты информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны уазал æмæ къæвда боныгъæд 23-æм марты райсоммæ аххæсдзæн, 24-æм мартæй та рахъарм уыдзæн
Уазал æмæ къæвда боныгъæд Гуырдзыстоны 23-æм марты райсоммæ аххæсдзæн, 24-æм мартъийæ та ссыгъдæг æмæ фæхъарм уыдзæн.
Уый фæдыл информаци алфæмблайы националон агентад парахат кæны.
Синоптикты информацимæ гæсгæ, Тбилисы уазал æмæ къæвда боныгъæд 23-æм марты райсомы онг лæудзæн. Хур ракæсдзæн æмæ рахъарм уыдзæн 24-æм мартъийæ. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +10, +12 градусы.
Денджызы былгæрон регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): уазал æмæ къæвдаджын боныгъæд ахæсдзæн 23-æм марты райсоммæ. . Хур ракæсдзæн æмæ рахъарм уыдзæн 24-æм мартъийæ. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +14, +16 градусы.
Къахеты (Сагареджо, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъварелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаройы): 23-æм марты райсоммæ уыдзæн уазал æмæ къæвда. Хур ракæсдзæн 24-æм мартъийы. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +9, +14 градусы.
Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалакы, Цъалкайы, Бакурианы, Гудауры, Омалойы): 23-æм марты райсоммæ уазал æмæ ихджын боныгъæд уыдзæн. Хур ракæсдзæн 24-æм мартъийы. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +1, +6 градусы.