Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 8-10 марты хъарм æмæ хус боныгъæд уыдзæн.
Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад 8-10 марты æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.
Синоптикты информацийæ, æввахс бонты Гуырдзыстоны хъарм æмæ хус боныгъæд уыдзæн.
Тбилисы æнхъæлмæкæсинаг у сыгъдæг боныхъæд, боныгон уæлдæфы температурæ +17-æй +19 градусы онг уыдзæн.
Денджызы былгæрон районты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): Къæвдатæ нæ уыдзæн. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ уыдзæн +16, +18 градусы.
Къахеты (Сагареджо, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъварелы, Ахмета, Дедоплисцъхъаройы): Æнхъæлмæкæсинаг у хъарм æмæ хус боныгъæд. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +18, +20 градусы.
Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалаки, Цъалкъа, Бакурианы, Гудауры, Омалойы): Къæвда нæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +7, +12 градусы.