Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 2-æм æмæ 3-æм майы æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ тыхджын дымгæ, бæстæйы скæсæн хайы къæвда боныгъæд та фæндзæм майы онг аххæсдзæн
Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 2-æм æмæ 3-æм майы æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ тыхджын дымгæ, бæстæйы скæсæн хайы къæвда боныгъæд та фæндзæм майы онг аххæсдзæн

Алфæмблайы  националон  агентад   парахат кæны  информаци Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг  боныхъæды  фæдыл  æввахс  бонты.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны 2-æм майы кæронæй 3-æм майы кæронмæ æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, бæстæйы скæсæн хайы та къæвда боныгъæд 5-æм майы онг фæхæццæ уыдзæн.

«Гуырдзыстоны 2-æм майы кæронæй 3-æм майы кæронмæ, бæстæйы скæсæн хайы та 4-æм майæ 5-æм майы райсоммæ æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, иуæй-иу рæтты тыхджын, гæнæн ис æмæ ихуард, зæйтæ æмæ тыхджын дымгæтæ уа».

«Æнхъæлмæкæсинаг къæвда гæнæн ис æмæ æркæна цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзтмæ, чысыл цæугæдæтты æнæнхъæлæджы донивылдтæм, æмæ хохаг æмæ хæххон бынæтты сыджыт-лæсæн  процессты райдайæн æмæ активацимæ (тæссагдзинады æмвæзад астæуккаг)», — дзырдæуы Националон экологион агентады расидæны.