Синоптикты информацийæ, 28 декабры æнхъæлмæкæсинаг у  фидар дымгæ,  ранæ-рæтты митуарын, тымыгъ, 29-31 декабры æмæ  ногазон бонты та дæлдзырæттæ нæ уыдзæн
Синоптикты информацийæ, 28 декабры æнхъæлмæкæсинаг у фидар дымгæ, ранæ-рæтты митуарын, тымыгъ, 29-31 декабры æмæ ногазон бонты та дæлдзырæттæ нæ уыдзæн

Æрдзы националон агентад Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл  информаци хъусын кæны.  Синоптикты  информацийæ, 27 декабры  Гуырдзыстоны  абаргæйæ  рахъармдæр уыдзæн.  Афтæма сæ информацийæ, 28 декабры  та фæнхъæлмæкæсинаг у  фидар уад, хохджын æмæ уæлхох регионты ранæй-рæтты  тыхджын митуард,  мигъ æмæ   тымыгъ. 29-31 декабры  æмæ ног азы бонты та  Гуырдзыстоны дæлдзырæттæ нæ уыдзæн.

«Тбилисы 28 декабры къæвда æмæ цæгат-ныгуылæны фидар уад  у æнхъæлмæкæсинаг  æрмæст 29-31 декабры  æмæ 2024 азы 1-2 январы  дæлдзырæттæ  нæ уыдзæн.  Уæлдæфы температурæ  афæдзы кæронмæ   бонæй  +9, +11 градус уыдзæн;  ног азы бонты та  +13, +15  градусы онг схъарм уыдзæн.  Донбыл регионты  (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти)  27 декабр хъарм æмæ  хурджын боынгъæд у æнхъæлмæкæсинаг,. 28 декабры  къæвда æмæ хуссар-ныгуылæны фидар уад,  æрмæст 29-31  декабры   æмæ 2024 азы 1-2 январы  та  хъарм æмæ хурджын боныгъæд уыдзæн.

Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаройы): 27 декабры  абаргæйæ хъарм уыдзæн  æнæдæлдзырæттæй.  28 декабры  ранæй-рæтты къæвда æмæ ныгуылæны фидар уад у æнхъæлмæкæсинаг, æрмæст 30-31 декабры  æмæ 2024 азы 1-2 январы та фæстæмæ  æнæдæлдзырæттæ боныгъæд лæудзæн», – банысангонд у информацийы.