Синоптиктæ райсомæй æртыккæгæм декабр хынцгæйæ бæстæйы масштабæй  температурæйы схъармы прогноз дæттынц
Синоптиктæ райсомæй æртыккæгæм декабр хынцгæйæ бæстæйы масштабæй температурæйы схъармы прогноз дæттынц

Æрдзы националон агентад 29-30 ноябры æмæ 1-3  декабры Гуырдзыстоны  æнхъæлмæ кæсинаг боныгъæды фæдыл  информаци хъусын кæны.

Синоптикты  хъусинагæй,  30 ноябрæй Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у  уæлдæфы температурæйы рæзт.

«1-3 декабры  ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты  +23 градусы онг, æрмæст  хурыскæсæн  Гуырдзыстоны тæрфы  +15, +20  градусы онг схъарм уыдзæн.   30 ноябры  хъармы фоныл   ныгуылæн Гуырдзыстоны уыдзæн къæвдабон.

1-3 декабры  бæстæйы территорийы фылдæр  хайыл  хъарм æмæ фылдæр  хурджын   бныгъæд у æнхъæлмæ кæсинаг. Тбилисы  хурджын боныгъæд уыдзæн, 1-3 дкабры  уæлдæф  +17, +19 градусы онг схъарм уыдзæн.

Донбыл  районты ( Батумы, Кобулеты, Анаклиайы, Потийы) 30   ноябры – къæвда  æрмæст  1-3 декабры  хъарм æмæ хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг.  Уæлдæфы  температурæ +21, +23 градусы онг схъарм  уыдзæн»  -дзырдæуы  ахæлиугонд информацийы.