Швейцарийы  президент хъусын кæны, цæмæй  гæнæн ис бæстæ Уæрæсейы  ныхмæ санкцитæм баиу уа  æмæ  уырыссаг активтыл  хъоды сывæра
Швейцарийы президент хъусын кæны, цæмæй гæнæн ис бæстæ Уæрæсейы ныхмæ санкцитæм баиу уа æмæ уырыссаг активтыл хъоды сывæра

Швейцарийы президент Игнасио Касис хъусын кæны, ома гæнæн ис, нейтралон бæстæ, къуырисæрæй  Уæрæсейы ныхмæ  санкцитæм баиу уа  æмæ   уырыссаг   активтыл хъоды сывæра.  Агентад  «Ройтер» куыд фыссы  афтæмæй,   уый фæдыл  Касис  Швейцарийы  æхсæнадон уацхæссæгимæ   интервьюйы  рæстæджы  загъта.

Швейцарийы  президенты дзырдæй, бæстæйы  авдуæнгджын федералон  совет къуырисæры æрымбырд уыдзæн  æмæ   финансты  æмæ  экономикæйы  департаментты   рекомендацитыл фæуынаффæ кæндзæн.

Фарстыл  зæгъгæ   ныййих кæндзæн  æви нæ Швейцари   уырыссаг  хыгъдтæ  Евроцæдис куыд бакодта афтæ,  Швейцарийы  президент  банысан кодта:  «Стыр æвæццæгæнад ис, цæмæй  хицауад райсом  уый саразы  аскуыддзаг кæндзæн,  фæлæ  мæнæн  рагафон зæгъын  зын у уыцы уынаффтæ тыххæй  кæцытæ нырма  хаст не сты».

Касисы дзырдæй, зæгъгæ  хъуамæ уа  Швейцарийы нейтралитет. Йæ  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   Швейцари  цæттæ хъуамæ  уа  банхъарын дипломатон  лæггад, кæд  Белорусы арæныл  плангонд  уырыссаг-украинаг  бадзырдтæ æнæфæстиуæг  уыдзысты уæд.