Швейцарийы къахдзоныгъон курортыл срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджытæн расидтысты хъыггæнæн фондз бон
Швейцари расидтис хъыггæнæн фондз бон.
Швейцарийы лыжæтыл бырыны курорты срæмыгъды фæстиуæгæн 40 адæймаг фæмард æмæ фæцæф сты 115. Цалдæр адæймаг фесæфт, се æхсæн æрыгон лæппу, кæцы йе мбæлттимæ Ног азы бæрæгбон кодта.
Хицауад куыд загъта, афтæмæй мардты сбæрæг кæнынæн гæнæн ис æмæ бахъæуа цалдæр боны.
Медийы информацийæ, цæфтæ сты хæрз æвзонг, 15 æмæ 25 азы æхсæн.Цæфгондты æхсæн ис туристтæ дæр.
Францы, Италийы æмæ Австралийы бæрнонтæ сбæлвырд кодтой, цæмæй цæфгондты æхсæн сты сæ æмбæстæгтæ дæр. Францы æттаг хъуыдтæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй сæ æмбæстæгтæй 9 фæцæф сты. Австралийы хицауад дæр фехъусын кодта, цæмæй йæ æмбæстæгтæй иу фæцæф ис. Италийы фæсарæн хъуыддæгты министрад расидтис, цæмæй йæ æмбæстæгтæй 15 ныртæккæ сты рынчындоны.
Швейцарийы президент Гай Пармелини зынгсирвæзт схуыдта «бæстæйы æппæты фыддæр трагедитæй иу». Зынгсирвæзты аххосаг нырма бæрæг нæу æмæ цæуы фæдагуырд.
Срæмыгъд æрцыд бынæттон рæстæгæй 1:30 сахатыл 1 январы лыжæтыл бырыны курорты Кранс-Монтанайы Le Constellation Bar and Lounge-ы, цыран адæм бæрæг кодтой Ног аз.