Швейцарийы  националон советы президент – мах йæ фарс хæцæм Гуырдзыстонæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты
Швейцарийы националон советы президент – мах йæ фарс хæцæм Гуырдзыстонæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты

«Фæнды нæ фылдæр активон баст уæм  Гуырдзыстоны фæдыл  фарстаты, нæ  программæ у, 2022-2025 азмæ цас нысаниуæгджын  Гуырдзыстон  Швейцарийæн»,  –  уый фæдыл  Швейцарийы  Конфедерацийы   националон советы президент, Ирен Келин райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ Швейцарийæн ис хæстæг ахастытæ, кæцы иттæг нысаниуæгджын у.

Швейцарийы Конфедерацийы националон советы президент хъусын кæны, цæмæй  Швейцари  адарддæр кæндзæн  Гуырдзыстонæн фарсхæцын, куыд профессион   райрæзты  цæстæнгасæй,  афтæма куыд   ног куыст бынæттæ саразыны,  конфликты  алыгы экологион   проблемæтæ аскуыддзагы бацагуырды.

«Куыд æй зонут афтæмæй, Швейцари дыууæдæр  паддзахады æркуырдæй  баст у  бадзырдты  кæнæ диалогы  инструментты. Швейцари йæ фарс хæцы  Гуырдзыстонæн  æхсæнадæмон нымад арæнты. Фæныхас кодтам  ууыл, цæмæй  цас æдых у  демократон баланс æмæ сабырдзинад.  Æмбарæм уыцы факт дæр, цæмæй Гуырдзыстон махæй  хуыздæр зоны, цы æндæвдад ис гæнæн скæной хæстон архæйдтытæ  экономикон æмæ æндæр цæстæнгасæй. Ацы вазыгджын  рæстæджы нысаниуæгджын у  фокус  саразын  иумæйаг  аргъдзинæдтыл. Пандемийы  фæстæ, алчи дзæбæх зонæм, цæуынц  хæстон архйдтытæ  Украинайы, кæцы нысаниуæгджын æндæвдад скодта, æнæрмæст Европæйыл  æмæ нæ бæстæйыл, фæлæ ма  æнæхъæнæй Дунейыл. Тыхыбын стæм ацы  фарстатыл кусын  æмæ,  цæй зæгъын æй хъæуы,  хъуамæ адарддæр кæнæм   нæ  тыхархайд  æрдзы хъахъхъæды  фарстатыл, климатыл. Хъуамæ уæм æмуд, уымæ нæкæсгæ æмæ  гæнæн ис   кæрæдзиимæ разы ма уæм  кæцыдæр фарстатыл, хъуамæ  нæ  бауа иуæймаг  амал бацагурын, хъуамæ  нæ зæрдыл дарæм   иумæйаг  аргъдзинæдтæ, рæстдзинад, адæймаджы бартæ æмæ алы ацы фундаментон бартæ хъуамæ  уа нæ  моралон компас, куыд ам Гуырдзыстоны, афтæ  махмæ, Швейцарийы дæр», – райхъусын кодта Келин.