Швейцарийы президент хъусын кæны, цæмæй гæнæн ис бæстæ Уæрæсейы ныхмæ санкцитæм баиу уа æмæ уырыссаг активтыл хъоды сывæра
Швейцарийы президент Игнасио Касис хъусын кæны, ома гæнæн ис, нейтралон бæстæ, къуырисæрæй Уæрæсейы ныхмæ санкцитæм баиу уа æмæ уырыссаг активтыл хъоды сывæра. Агентад «Ройтер» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл Касис Швейцарийы æхсæнадон уацхæссæгимæ интервьюйы рæстæджы загъта.
Швейцарийы президенты дзырдæй, бæстæйы авдуæнгджын федералон совет къуырисæры æрымбырд уыдзæн æмæ финансты æмæ экономикæйы департаментты рекомендацитыл фæуынаффæ кæндзæн.
Фарстыл зæгъгæ ныййих кæндзæн æви нæ Швейцари уырыссаг хыгъдтæ Евроцæдис куыд бакодта афтæ, Швейцарийы президент банысан кодта: «Стыр æвæццæгæнад ис, цæмæй хицауад райсом уый саразы аскуыддзаг кæндзæн, фæлæ мæнæн рагафон зæгъын зын у уыцы уынаффтæ тыххæй кæцытæ нырма хаст не сты».
Касисы дзырдæй, зæгъгæ хъуамæ уа Швейцарийы нейтралитет. Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Швейцари цæттæ хъуамæ уа банхъарын дипломатон лæггад, кæд Белорусы арæныл плангонд уырыссаг-украинаг бадзырдтæ æнæфæстиуæг уыдзысты уæд.