Шалва Папуашвили – Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ сфидар кæнын чи æнхъары махæн, æцæгæй нын дзуры, цæмæй хъуамæ рискыл ацæуæм æмæ уымæ гæсгæйæ бахизæм  гæнæн æфсæддон быцæудзинадмæ Уæрæсеимæ
Шалва Папуашвили – Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ сфидар кæнын чи æнхъары махæн, æцæгæй нын дзуры, цæмæй хъуамæ рискыл ацæуæм æмæ уымæ гæсгæйæ бахизæм гæнæн æфсæддон быцæудзинадмæ Уæрæсеимæ

Кæцыфæнды  архайд, кæцы  æххæссы визæтæ æрбайсынмæ, арæн сыхгæдмæ, тахтытæ  фæтобæ кæнынмæ, у  санкци, кæцы  йæ  хуъыдыйы  дары, цæмæй бæстæ   эскалаци кæны  Уæрæсеимæ уавæр, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар, Шалва Папуашвили  райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ   Уæрæсейы  ныхмæ санкцитæ сфидаркæныны цауы, æнхъæлмæкæсинаг  у, цæмæй  уыдзæн   дзуаппон мадзæлттæ, кæцы фæстагмæ   тæссаг у  бæстæйы æдасдзинадæн.

«Æцæгæй ацы фарст  нырид цалдæр уыд кастгонд. Хъуыды йæ кæндзыстут, фарон марты оппозицийы  æрдгæй   бавдыст фарста, цæмæй  арæн æрыхгæдтаиккам, уæлдæфон тыгъдад, æрбайстаиккам визæтæ  Уæрæсейы æмбæстæгтæн, цалдæр хатт рахæцыдысты  размæ ацы темæйыл. Алы хатт  уыцы темæйыл  уыдис каст, æхсæнад  сын ратта дзуапп.  Сæйраг уый  у, æмæ йæхæдæг оппозици  фæстагмæ   басастис, цæмæй Гуырдзыстоны æрдгæй Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ  сфидар кæнын   нæ бады  бæстæйы интерестимæ.  Цæмæн?  Кæцыфæнды  ахæм архайд, кæцы  æххæссы визæтæ æрбайсынмæ, арæн сыхгæдмæ, тахтытæ  фæтобæ кæнынмæ, у  санкци, кæцы  йæ  хуъыдыйы  дары, цæмæй бæстæ   эскалаци кæны  Уæрæсеимæ уавæр. Эскалаци та йæ  хъуыдыйы  дары уый, цæмæй  бахиздзыстæм ахæм спиралмæ, кæцыйы фæстиуджытæ  раздæр базонын  гæнæн нæй. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, уый бакомкоммæ,  санкцитæ куы фидар кæны, кæй  зæгъын æй хæъуы  æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй  уыдзæн контрсанкцитæ, дзуаппон   мадзæлттæ, кæцы фæстагмæ  нысан кæны, цæмæй тæссаг уыдзæн бæстæйы æдасдзинадæн, нæ бæстæйы  эконмикон   уавæрæн.

Алкæмæн бакой кæнæм, цæмæй  Уæрæсейы  æфсад лæууы   сæйраг горæтæй  30  километры  æмæ ныгуылæн æмæ  хурыскæсæн Гуырдзыстоны иугæнæг  сæйраг автобанæй  500 метры.  Уый у  стыр  æфсæддон  риск, кæцы нæ  бæстæйæн ис.   Уый æддæмæ ма  зонут, цæмæй  афтæдæр стыр у, тас Уæрæсе оккупацийы политикæйæ ахиза   анексийы  политикæмæ.   Афтæмæй,  уыдон, чидæриддæр нын æнхъарынц, арæнтæ  æрыхгæнын, тахтытæ фæтобæ кæнын, уæлдæфон тыгъдад сыхгæнын  æмæ а.д., кæнæ та нын чи нхъары санкцитæ сфидар кæнын æмæ  Уæрæсеимæ уавæры эскалаци скæнын,  æцæгæй нын дзурынц, цæмæй  хъуамæ рискыл ацæуæм  æмæ  фæкарзкæнæм  уавæр Уæрæсеимæ,  гæнæн æфсæддон  быцæудзинадмæ бахизæм Уæрæсеимæ.  Нысаниуæгджын у уый, цæмæй  нын чи дзуры, санкцитæ  дам хъуамæ сфидар кæнат  Уæрæсейы ныхмæ, ничи   нын дæтты æдасдзинады   æмæ нæдæр экономикон хъахъхъæды гарантитæ», –   райхъусын кодта Шалва Папуашвили.