Шалва Папуашвили фембæлдис Узбекистаны  Республикæйы  премьер-министримæ
Шалва Папуашвили фембæлдис Узбекистаны Республикæйы премьер-министримæ

 

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Папуашвили Шалва  Узбекистаны  Республикæйы  премьер-министр   Абдула Ариповимæ фембæдис. Информацийы Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст хъусын кæны.  Афтæма сæ хъусинагæй,   фарсытæ   банысан кодтой, цæмæй  дипломатон ахастыты 30 азы  сæрыл   дыууæ бæстæйы æхсæн  æмгуыстад  æнтыстджынæй райрæзтис.

«Шалва Папуашвили йæ хъусдард раздæхта  парламентон æмгуыстадыл  æмæ æмгарады  къордты æхсæн  цæдистæм.  Фарсытæ  фæныхас кодтой   дыууæдæр  регионы  транспортон-транзитон    нысаниуæгыл, базарады  «астæу къæлидоры»  потенциалы  реализацийæн.   Ацы контексты  афæлгæстой  экономикон, энергетикон, уæлдæфон-æфсæнвæндагон  транспорты сферæты  æмгуыстад æмæ проекттæ.

Афтæма æркастысты   Гуырдзыстоны Узбекистаны  минæварады  байгомы  фарста.

Фембæлд ацыд   Централон Азийы  регионмæ  Шалва Папуашвилийы æмæ  йемæ уæвæг   парламентон  делегацийы цæугæ официалон визиты  фæлгæтты» банысангонд у  парламенты пресскуысты  информацийы.