Шалва Папуашвили  Турчы Республикæйы делегациимæ фембæлд
Шалва Папуашвили Турчы Республикæйы делегациимæ фембæлд

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Шалва Папуавшили   Турчы Республикæйы  Стыр Национ Ассамблейы   националон хъахъхъæнынаы комитеты   делегациимæ фембæлдис, кæцыйæн къухдариуæг кæны  комитеты сæрдар Улус Акари.

Фембæлдыл  бахахх ис  Гуырдзыстоны æмæ Турчы  æрхсæн уæвæг æнгом  историон  цæдистæ æмæ стратегион партнерад.

Шалва Папуашвилийы дзырдæй,  зæгъгæ Турк кæддæриддæр  йæ  фарсмæ лæууы Гуырдзыстонæн  æмæ территорион æнæхъæндзианд æмæ   евроатлантикон  интеграцийы фарсхæцыны тыххæй  йын  арфæгæнæг у.

Фæнысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Турк нысаниуæгджын  базарадон  патнертæ сты, фæстиуæгджынæй æмкуыст кæнынц  парламентон æмвæзадыл, афтæма хъаъхъæнынады æмæ æдасдзинады фарстатыл.

Фембæлдыл афтæдæр фæныхас кодтой  дыууæ  бæстæйы  ролыл «Астæу Къæлидоры»  райтынгы.

Улус Акари  бахахх кодта   дыууæ бæстæйы  æдасдзинады æмæ фарны нысаниуæг æмæ ацы æрдгæй йæ хъусдард раздæхта   регионон  сабырад æмæ æдасдзинадмæ.

Фарсытæ бахахх кодтой  Азербайджаны  æмæ Сомихыстоны  æхсæн сабырадон  бадзырдмæ баххæссыны   нысаниуæг æмæ афтæдæр Турк-Смихыстоны  ахастыты  райтынг.  Афтæма банысан ис æртæфарсон  форматты  æмгуыстадæн дарддæр  баахъаз кæнын.

Фемблдыл афтæдæо хайад райста хъахъхæнынады æмæ æдадсзинады комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг  Александре  Табатадзе æмæ Туркимæ хæларады къорды  къухдариуæггæнæг  Бека Одишариа.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст.