Шалва Папуашвили – æхсæнад знон  бæлвырд базыдта, цæмæй ис архайд, хъæртæй бамынæг кæной уынаффæ,  догмæтæй ныхас æмæ уынафæ бамынгæ кæнын сын нæ рауайдзæн
Шалва Папуашвили – æхсæнад знон бæлвырд базыдта, цæмæй ис архайд, хъæртæй бамынæг кæной уынаффæ, догмæтæй ныхас æмæ уынафæ бамынгæ кæнын сын нæ рауайдзæн

Æнхъæл дæн, дзыллæ знон  бæлвырд базыдта, цæмæй ис  архайд, хъæргæнгæйæ  бамынæг кæной   уынаффæ.  Мах ныр стæм гуырдзиаг дзыллæйыл дезинформацион штурмы   æвдисæнтæ, кæцы рæстæджы та  арахйынц, слогантæй, лозунгтæй, догмæтæй   бамынæг кæной рæстмæ хъуыды –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  фехъусын кодта журналисттæн.

Папуашвилийы дзырдæй,  зæгъгæ догматизм у,  аргументты   бавдисыны   бæсты, хъуыды  дзыллæмæ лææрд куы цæуы   куыд   аргумент афтæ.

«Мах цы хъусæм, уырыссаг закъон  æмæ афтæ дарддæр,  уый æппæт у догмæйæ уынаффæ,  аргументтæм куы нал æрбахизынц.  Знон фараст сахаты  дæргъы  Мамука Мдинарадзе æвæрдта  иу фарст. Уый тыххæй, цæмæй   рабæрæг кæнон догматон  аргументтæ æмæ догматизм, ис  иу  хуымæтæг  амал, уый  æнцон фарст – цæмæн? Ацы фарстыл  аргументиргонд  æмæ логикон дзуапп куы нæй,  уæд   нын хъуыддаг ис догмæимæ, уырнындзинадиы, кæцы сæ фæнды куыд аргумент афтæ равдисын.

Знон æвæрд уыд  фарст, цæмæн – æмæ йын дзуапп раттын нæ бахъом сты.  Хъуыддаг нын ис догмæтимæ.   Дзуапп уыд,ц æмæй дам фæсарæнты кæйдæр зæрдæмæ нæ цæуы. Брюссел æмæ Вашингтон  нын куы дзурынц, цæмæй  дам нæй.   Ацы бæстæ  рацыдис бирæ  æндæр æмæ æндæр этап  йæ  царды æмæ ацы адæм дæр  рацыдысты бирæ этапы,   мах æрмæст фæстаг 30 аз у,  иу  цыдæр зонæм, сæйраг у  цы дзуры  гуырдзиаг адæм, æрмæст уый нæ.  цы  нын дзуры  иу кæнæ иннæ  адæймаг. Фæсарæйнаг актортимæ куы ныхас кæнæм, уым дæр догматон  аргуменнттæ  ис, куы сæ бафæрсæм цæмæн ма хъуамæ райсæм, уый тыххæй, цæмæй æхсæнады цыдæр  хайы  нæ фæнды. Фæрсæм  æхсæнады ацы хайы, цæмæн сæ нæ фæнды, уымæн æмæ нын фæсарæнтæй дзурынц, ма дам æй райсут.  Ахæм ныхас  цæуы.  Бакой  уын кæндзынæн, растæ ахæм  метоæй  спайда кодтой   а.х.  ветингы   рæстæджы. Фæрсæм æнæхицауадон секторы, цæмæн  хъуамæ уа фæсарæнтæй  нын дзурынц,  ауадзут дам.  Фæрсæм фæсарæйнæгты, цæмæн хъуамæ ауадзæм, уый тыххæй дам, æмæ уæ æнæхицауадон организацитæ   дзурынц.  Æцæгæй та,  ис архайд, цæмæй  хуымæтæг догматизмæй  фæтобæ кæной   æхсæнадæн  хъуыды  кæнын.  Уынæм, цæмæй æхсæнад  ацы  этап рацыдис æмæ тынг дзæбæх  æмбары, цæмæй  уынаффæйы альтернативæ нæй.   Догмæтæй  ныхас æмæ уынаффæ бамынæг кæнын сын нæ рауайдзæн», – загхта Папуашвили.