Шторм «Амели» Францы фæстæ, Итали æмæ Испанийыл ныццавдта йæхи, Испанийы фæхъуыд иу адæймаг
Шторм «Амели», кæцы Францыл ныццавдта йæхи, нырид Итали æмæ Испаний дæр фæцагайдта.
Испанийы стихийы фæстиуæгæн ис амæттаг дæр. Фæхъуыд иу адæймаг. Ис дзы зиангондтæ дæр.
Æнæнцайгæ къæвдайы фæстиуæгæн, Италийы донбыл регион Лигариайы цæугæ дон Вара раивылд, цæй тыххæй дæр дæсгай адæймагс тыхбын баис сæрмагонд хæдзар ныууадзын.
Уæззау уавæр ис Сан Пьетройы дæр, цы ран дæсгай хæдзары бинонтæ æддаг дунейæ раскъуыдысты.
Францы та штормы тыххæй 140 000 адæймаг фæстæмæ æнæэлетроэергийæ сты. Дымгæйы тагъдад сахаты мидæг 160 км-мæ æххæссы.