Испани Палестинæйы паддзахад официалонæй банымадта
Испани Палестинæйы паддзахад официалонæй банымадта

Испанийы хицауад официалонæй банымадта  Палестинæйы паддзахад.  Медиайы хъусинагæй,  уый фæдыл  Испанийы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Хосе Мануэл  Албарес  Мадриды   уагъд  прессконференцийыл райхъусын кодта.

Фæнысангонд  фидиуæны размæ уыд Испанийы  премьер-министр Педро Санчесы  националон телеуынынадон сидты  арызт  фидиуæн, ома Испани  баиу уыдаит «140-æй фылдæр бæстæмæ, кæцытæ нырид нымадмæ  исынц Палестинæ».  Санчес  банысан кодта: «Уый  у иунæг фæндаг  уыцы   аскуыддзагы сыххæстæн, кæцыйы алчи нымайæм, куыд иунæгы, кæцыйæ ис гæнæн сабырадмæ баххæссын».

Бæрæгдзырдæн, Испани, Ирланди æмæ  Норвеги  22 майы  æргомæй райхъусын кодтой, цæмæй Палестинæйы паддзахады официалонæй  абон 28 майы банымайдзысты.