Шалва Нателашвилийы хъуыдымæ гæсгæйæ,  Ника Мелиа  цъынды ма хъуамæ  бафида
Шалва Нателашвилийы хъуыдымæ гæсгæйæ, Ника Мелиа цъынды ма хъуамæ бафида

Ника Мелиа ницы  хца хъуамæ  бафида.  Цас фылдæр  нæ æрцахсдзысты,  уый йас  тагъддæр æрхаудзысты,  афтæ  тагъд   фендзæн дуне,   кæйимæ  йын ис хъуыддаг  æмæ кæмæн йæ фарс  хæцынц иуæй-иу  фидиссаг минæвæрттæ, –  загъта  «Лейбористон партийы»  лидер Шалва Нателашвили.

«Нæкоммæкаст цæуы. Ацы  этапы нæкоммæкаст райдыдта, оппозици парламентмæ  бахизыныл нæзагъд куы ракодта æмæ ацы режим æнæмæнгæй  саст  баййафдзæн.   Кæй зæгъын æй хъæуы нæкоммæкасты процесс фæкарздæр уыдзæн,  ма хъуамæ бафидой.

Массонæй хъуамæ  ацæуæм  коменданты сахаты рæстæджы, уымæн æмæ   ковид æмæ инфекцийæ  пайда кæны  Иванишвили  сбонджын кæныны æмæ  мах та нæ хæдзæртты  сыхгæнынæн,  цæмæй  йæ  режиммæ тас  ма бартъхъирæн кæна.   Мах  йын уый бар нæ ратдзыстæм. Ай у нæкоммæкаст, мацы хъуамæ бафида Ника.  Цас фылдæры нæ æрцахсдзысты, уый йас  тагъддæр æрхаудзысты дунейы цæстмæ,  афтæ  тагъд   фендзæн дуне,   кæйимæ  йын ис хъуыддаг  æмæ кæмæн йæ фарс  хæцынц иуæй-иу  фидиссаг минæвæрттæ», – райхъусын кодта  Шалва Нателашвили.