Тæрхондон Ника Мелиaйæн аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ йын дыууæ азмæ йæ бынат бацахсын нæ баурæдта
Тæрхондон Ника Мелиaйæн аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ йын дыууæ азмæ йæ бынат бацахсын нæ баурæдта

Тбилисы горæтон тæрхондон «Ахалийы» партийы лидертæй иу Ника Мелиайæн аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста, парламентон рæстæгмæ фæдæвзарæн къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма йын дыууæ азмæ йæ бынат бацахсын нæ уагътой.

Уый фæдыл æскъуыддзаг Тбилисы горæтон тæрхондон цъус размæ расидтис.

Ника Мелиа тæрхондоны рабадтмæ нæ æрбацыд.

Уымæй уæлдай ма, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, Ника Мелиа 25 000 ларийы иваргонд æрцыд 2019 азы хъуыдтагы фæдыл статьямæ гæсгæ «Официалон æххæстбартæй æнæзакъонæй спайда кæнын».