Ника Мелиайы хъуыддаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн, парламенты фæдагуырдон комитетмæ кæй нæ бацыд уый тыххæй
«Ахали»-йы иуæй-иу лидер Ника Мелиайы хъуыддаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн, Гуырдзыстоны парламенты «2003-2012 азты режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайдтыты фæдыл рæстæгмæ фæдагурæн къамисы» рабадтмæ кæй нæ бацыд, уый тыххæй.
Уый фæдыл уынаффæ парламентон комисы абоны рабадтыл райст æрцыд. Фарст хъæлæсæппæрстмæ къамисы сæрдар, Теа Цъулукиани балæвæрдта.
Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гиоргий Вашадзейы хъуыддаг дæр прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн парламентон фæдагуырдон къамисмæ æнæбацыды тыххæй. Къамисы сæргълæууæг Теа Цъулукиани фарста абоны рабадтыл систа, кæцыйæн къамисы уæнгтæ йæ фарсыл рахæцыдысты.