Прокуратурæ райдыдта басгæрст ПÆК-ы кусæджы мæлæты фæдыл
Прокуратурæ райдыдта басгæрст ПÆК-ы кусæджы мæлæты фæдыл

Тбилисы прокуратурæйы фæдæвзарæн департамент паддзахадон æдасдзинады куысты кусæгы мæлæты фæдыл фæдæвзарæн райдыдта. Уый фæдыл Гуырдзыстоны прокуратурæйы информацийы ис фыст.

«Тбилисы прокуратурæйы слестгæнæн департамент, уголовон кодексы 115 статьямæ гæсгæ, Паддзахадон æдасдзинады куысты антикоррупцион агентады кусæджы мæлæты фæдыл фæдæвзарæн райдыдта.

Коррупцийы ныхмæ уагдоны кусæджы абон райсомæй ссардтой мардæй йæ машинæйы æхсты цæфæй. Бынаты басгæрсты рæстæджы ист æрцыд æхсæнгарз, кæцы мардæн уыд йемæ æмæ фыстæг, кæцы уыд уынгæг фарсыл бадæныл.

Цæуынц æмбæлон тагъд фæдагурæн мадзæлттæ», -ис фыст прокуратурæйы фидиуæны.