Шалва Нателашвили парламентмæ бавдыста куырдиат депутаты æххæстбартæ фæурæды фæдыл
«Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили парламентмæ депутатон æххæстбартæ бауромыны фæдыл куырдиат бавдыста.
Æмбæлон куырдиат Шалва Нателашвили закъондæттæг оргæнмæ нырид бавдыста.
Лейбористты лидеры фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзиаг Бæллицц узурпаци скодта хицаудзинад, уымæн æмæ йæ адæм нæ сывзæрстой.
«Иванишвилийы тирани тагъд фæуыдзæн. Æввахс рæстæджы фендзыстæм æвзарæнон реформæты, режимы æхсæнадæмон изоляци æмæ хайадисджытæ суыдзыстæм ног демократон, рæстаг æвзæрстыты, кæцы æркæндзæн бирæпартион, бæрнæй едзаг коалицион хицауад» – райхъусын кодта Шалва Нателашвили.
Уый журналисттæн куыд загъта афтæмæй, оппозицийы иудзинады фæстиуæгæн парламенты рабадт «Гуырдзиаг Бæллиццы» партион æмбырдæй фестад.
«Абон оппозици у иугонд, раздæр куыд никуы уыд афтæ. Оппозици аххосджын дзугы иунæгæй фæуагъдта парламенты рабадтыты залы æмæ ацы структурæ фактонæй «Гуырдзиаг Бæллиццы» партион æмбырдæй фестад. Æмбырд тагъд фæуыдзæн. Адæм уæм æрбацæудзысты æмæ сымахæй ссæрибар кæндзысты сæ сæрмагонд бæстыхай» – райхъусын кодта Нателашвили.
Бакой уын кæндзыстæм, – оппозици 31 октябры ацугæ парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ фальсифициргондыл нымайы æмæ парламентмæ бахизы нæ комы.