Шалва Нателашвили  парламентмæ бавдыста куырдиат депутаты æххæстбартæ фæурæды фæдыл
Шалва Нателашвили парламентмæ бавдыста куырдиат депутаты æххæстбартæ фæурæды фæдыл

«Лейбористон Партийы»  лидер  Шалва Нателашвили  парламентмæ  депутатон  æххæстбартæ  бауромыны  фæдыл куырдиат бавдыста.

Æмбæлон куырдиат  Шалва Нателашвили   закъондæттæг оргæнмæ нырид бавдыста.

Лейбористты  лидеры фидиуæнæй,    зæгъгæ Гуырдзиаг Бæллицц   узурпаци скодта хицаудзинад, уымæн æмæ  йæ  адæм нæ сывзæрстой.

«Иванишвилийы  тирани  тагъд фæуыдзæн.  Æввахс  рæстæджы  фендзыстæм  æвзарæнон реформæты,  режимы  æхсæнадæмон изоляци  æмæ   хайадисджытæ суыдзыстæм ног демократон, рæстаг æвзæрстыты,  кæцы æркæндзæн  бирæпартион, бæрнæй едзаг  коалицион хицауад» – райхъусын кодта  Шалва Нателашвили.

Уый  журналисттæн куыд  загъта афтæмæй,  оппозицийы  иудзинады фæстиуæгæн  парламенты рабадт  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  партион   æмбырдæй  фестад.

«Абон оппозици у  иугонд, раздæр куыд никуы  уыд афтæ.  Оппозици аххосджын  дзугы иунæгæй  фæуагъдта парламенты рабадтыты   залы  æмæ ацы структурæ  фактонæй  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  партион æмбырдæй фестад.  Æмбырд  тагъд фæуыдзæн.   Адæм  уæм æрбацæудзысты  æмæ сымахæй  ссæрибар кæндзысты  сæ  сæрмагонд бæстыхай» – райхъусын кодта  Нателашвили.

Бакой уын кæндзыстæм, –  оппозици  31 октябры  ацугæ парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ  фальсифициргондыл нымайы  æмæ  парламентмæ  бахизы  нæ комы.