Шалва Нателашвили  - Минæвæрттæ нейтралон æхсæны лæгы  позицийыл хъуамæ уой,  æндæр цауы та сæ архайд бадзырдтæ нæ фæлæ тыхмидзинад у
Шалва Нателашвили - Минæвæрттæ нейтралон æхсæны лæгы позицийыл хъуамæ уой, æндæр цауы та сæ архайд бадзырдтæ нæ фæлæ тыхмидзинад у

Хицауад æмæ оппозицийы  æхсæн бадзырдтæ, бæрæг куыд у, афтæмæй,  цыппурсы фæстæ  сног уыдзысты, фæлæ уымæн  рагафонмæ  бацæттæгæнæн период бахъæудзæн, –  уый фæдыл  райхъусын кодта  «Лейбористон партийы» лидер Шалва Нателашвили.

Шалва Нателашвили  куыд банысан кодта, афтæмæй,   зæгъгæ фыццаджы дæр   минæвæрттæ  хъуамæ  ныууадзой æлхъывд  оппозицимæ, уыдон  хъуамæ бацæуæт парламнтмæ æмæ æцæгдæр нейтралон позицийыл уæт.

«Минæвæрттæ  хицæн лидертимæ  æмæ партитытæ бадзырдтæ хуъамæ бауромæт, цæмæй  исты хуызæй  сæ сразы кæной Иванишвилийы  пайдаиæн.  Комкоммæ нын дзурынц, цæмæй   парламентмæ бахизæм  æмæ  уый та минæвары  функци  æмæ дипломаты  роль нæу, уыдон нейтралон  æхсæны лæгы позицийыл хъуамæ  уой, æндæр цауы та  сæ архайд нымад цæудзæн бадзырдтыл нæ фæлæ  – тыхмидзинадыл», – загъта Нателашвили.