Шалва Папуашвили – сидын алы минæвармæ, баззайой дипломатон ахастыты фæдыл Венæйы конвенцийы фæлгæтты æмæ ма бахъыгдарой фысым бæстæйы мидхъуыддæгты
Шалва Папуашвили – сидын алы минæвармæ, баззайой дипломатон ахастыты фæдыл Венæйы конвенцийы фæлгæтты æмæ ма бахъыгдарой фысым бæстæйы мидхъуыддæгты

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили алы минæвармæ сиды дипломативон ахастыты фæдыл Венæйы конвенцийы фæлгæтты баззайой æмæ фысым бæстæйы мидхъуыддæгты ма бахъыгдарой. Уый фæдыл Папуашвили журналисттæн брифингыл расидтис.

Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, дипломативон миссийы минæвары æрдыгæй паддзахады мидхъуыддæгты бахъыгдард у æхсæнадæмон барады хæлд.

«Æз знон банысан кодтон æмæ цалдæр хатт дзуапп радтон Францы минæвары расидæнтæн, кæд æмæ уынæм минæварады архайдтытæ, уæд Гуырдзыстоны ис сæрмагонд фарсылхæцындзинад радикалон тыхтæн. Æз æрсидтæн куыд Францы, афтæ æндæр минæварадтæм, цæмæй тæрхон кæной æмæ сæхи аиуварс кæной Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы бабырстæй адæмы æрдыгæй организгонд митингты рæстæджы, фæстагмæ ацы бæстыхайы зиан æрцыд 13-æм бæстыхаймæ,  декабры мæйы Парламенты бæстыхайы бабырсты кой дæр ма кæнæм, кæд æмæ Гуырдзыстоны парламенты æрдæг милуан ларийы зиан баййæфтой Хъыгагæн, мах уынæм, цæмæй тыхмидзинадæй йæхи ничи хизы, ныхмæвæрдæй, ацы тыхмидзинад разæнгард кæны.

Ноджы иу хатт сидын æппæт минæвæрттæм, се æхсæн Францы минæвармæ, баззайой Венæйы конвенцийы фæлгæтты дипломатон ахастыты фæдыл. Сæрмагондæй, йæ 41-æм статьяйы фæлгæтты, кæцы хæсджын кæны дипломативон миссийы минæвæртты фысым бæстæйы мидхъуыддæгты ма бахъыгдарын. Хъыгагæн, уый ссис æнæстандартон стандарт. Алчидæр, чидæриддæр тыхсы, дипломатон минæвæрттæй райдайгæйæ, куыддæр афтæ хъуыды кæны, цæмæй сæрибар сты Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты бахъыгдарын, æнæкæсгæ æхсæнадæмон барадон арæнæвæрдтæм, кæцытæ сæвæрдтой. Уыдонæй иуæй-иутæй уынæм æнæквалификацион фиппаинæгтæ, Гуырдзыстоны тæрхондонон системæмæ бабырстытæ, Гуырдзыстоны бабырстытæ парламентмæ æмæ уыцы цæрджытæм, кæцытæ ацы парламент равзæрстой.

Сидын сæм, кæд сæ зæрдæмæ нæ цæуы, сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Уæрæсейы уагахаст, уымæн æмæ уый хæлы дунеон барад, уæд сын зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, цæмæй дипломатон миссийы минæвары æрдыгæй паддзахады мидхъуыддæгтæм бахъыгдарын у дунеон барады хæлд. Уæрæсе куыд уынынц, афтæ сæхи хъуамæ ма дарой æмæ æндæр бæстæты хъуыддæгты хъыгдарой. «Элементарон у, цæмæй кад кæнат фысым бæстæйæн æмæ йæ адæмæн æмæ сæ хъуыддæгты ма хъыгдарут, уæлдайдæр та кæдæмæдæр Гуырдзыстоны фæдыл ныллæг компетенци ис», – райхъусын кодта Папуашвили Шалва.