Парламентон фылдæртæ Шалва Нателашвилийы, Элене Хоштариа æмæ Бадри Джапаридзейæн æххæстбартæ æрурæдимæ сразы сты
Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдары Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, парламентон фылдæртæ рахастой уынаффæ, ома Шалва Нателашвилийæн, Элене Хоштариайæн æмæ Бадри Джапаридзейæн æххæстабртæ æрурæды фæдыл фарстаимæ сразы уа.
Парламентон фылдæрты рабадты фæстæ мамука Мдинарадзе куыд райхъусын кодта, афтæмæй, фæнысангонд уынаффæ рабадтыл æмхъæлæсонæй рахастой.
«Дыууæ депутаты цауы дзырдæуы барадон бындурыл, куыстфæуагъдыл, æртыккаг цауы та, тæрхондонæй бæлвырд фыдракæндыл. Æртæ дæр депутаты æрдæм парламентон фылдæртæ сразы уыдзысты æххæстбарты æрурæды фæдыл фарстаимæ. Адæймагы, кæцыйы ныхмæ тæрхондон рахаста уынаффæ, электорат æй сывзæрста, йæ ныхмæ законон тæрхоныскуыд йæ тыхмæ куы бацыд уæд нæ фæлæ йæ ныхмæ барадон сурын куы цыдис уæд» – загъта Мамука Мдинарадзе.