Шалва Нателашвили  домы Турчы минæвары æддагполитикон уагдонмæ фæсидын
Шалва Нателашвили домы Турчы минæвары æддагполитикон уагдонмæ фæсидын

Турчы хицауад  банымадта апсуаг-абхазаг  пластикон картæтæ  сæрмагонд паддзахадон банкты  фæрцы æмæ сæ ауагъдта   дунейы  хыгъдон  хызæгтæм,  сыхаг падздахадæй уый у  знагон æмæ æнæхæлар  къахдзæф, –  уый фæдыл «Лейборстон Партийы»  лидер Шалва Нателашвили  фехъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  хицауад   фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ  Турчы  минæвармæ хъуамæ фæсида, афтæдæр фæтобæ уа  Туркаг уаргъты змæлд  Гуырдзыстоны территорийыл.

«Сегасдæр сæйраг уый у æмæ нæ рох кæнæм  Тао-Кларджети, кæцы Турк  йæхи бакодта  æнусты размæ.  Нæ  бауадздзыстæм Гуырдзыстоны паддзахад Турчы  регионалон  империйæ фестын  Кавказы.  Æнæзаконон иупартион   парламенты куыстмæ рахизынæй  дыккаг бон, Турк   де-факто банымадта  Абхазы  хæдбарад, æндæр æй  ницæмæй  схондзæнис адæймагы  юридикон  æмæ æхсæнадæмонæй  ацы архайд. Мах уый нæ фæбардзыстæм  æмæ ууыл уыдзæн серьозон  дзуапп  Турчы  хицауадæн.  Экспорт-импорты фарста  уыййас ахсджиаг нæу  территорион æнæхъæндзинадимæ абаргæйæ.  Кæд Анкара  æмæ Турк  сæ  уынаффæ  нæ аивдзысты,  уæд, кæй зæгъын æй хъæуы,   нал сын уыдзæн фадат спайда кæной Гуырдзыстоны территорийæ  сæрмагонд  уаргъты  ласынæн,  æмæ кæй сæм нал уыдзæн  ацы фадат уымæй,   турчы  бюджет  бавзардзæн миллиарды бæрц зиан, кæцыйы  фæстиуæгæн  саст  баййафдзæн  пантуркистон  нео-султа Эрдогъаны режим», – загъта Шалва Нателашвили.

Оккупацигонд Абхазы хъусын кæнынц,ц æмæй  Турчы дыууæ  ставд банк, бынæттон  националон банкы картæтæ  лæггадмæ райста, дзырдæуы Is Bank æмæ  Ziraat Bank–ы фæдыл, кæцытæн филиалтæ  Гуырдзыстоны   контролгонд территоритыл  дæр ис.