Шалва Нателашвили – Алкæмæн дæр нын уыдзæн  æмбар нырыккон  æмæ амондджын фидæн, кæд нæ тыхтæ  баиу кæндзыстæм уæд
Шалва Нателашвили – Алкæмæн дæр нын уыдзæн æмбар нырыккон æмæ амондджын фидæн, кæд нæ тыхтæ баиу кæндзыстæм уæд

Алкæмæн дæр нын уыдзæн æмхуызон  нырыккон афон  æмæ  амондджын фидæн, кæд æмæ нæ тыхтæ   баиу кæнæм уæд –  ацы фидиуæн «Лейбористон Партийы» лидер æмæ   президенттæм кандидат  Шалва Нателашвили, этникъон къаддæрдæрты   минæвæрттимæ фембæлдыл  сарызта.

Фысымуат «Музеумы»  æрымбырдуæвæг    æнæхицауадон организациты  æмæ   медиафæрæзты   минæвæрттæн, кæцытæн сæ  фылдæр  архайынц  Самцхе-Джавахеты æмæ  Квемо Картлийы, этнгикон къаддæрдæрты компактонæй цæрæн   районты, Шалва Нателашвили базонгæ  кодта   программон приоритеттæ.

Нателашвили куыд  банысан кодта афтæмæй,   йæ  президентæй  суæвыны  цауы,  сырæздзæн   нациты совет, кæцы этникон  къаддæрдæрты  проблемæтыл  ориентацигонд иугонд уыдзæн.

«Совет  бæрæг периодондзинадæй   æркæсдзæн   алы  уыцы   актуалон   проблемæйы,  кæцытæ ацы ардæмадимæ  баст уыдзысты,   фæлæ  мах  хъуамæ ысхизæм сæйраг акцентытæй.  Гуырдзиагæн, азербайджайнагæн, сомихагæн, дзутитагæн,  уырыссаг дзуттагæн, абхазагæн, иронæн, украинагæн, фыццажды дæр æнæмæнг у цæрæн  уавæртæ, куысты фадæттæ, размæцыды, сæ хъæбулты   райхъомыл кæнынæн, уый æппæт  цыдæриддæр нын ацы  хицауад байста  иууылдæр.  Уый æппæт  мах  иумæ  хъуамæ  æрздахæм нæхимæ» –  банысан кодта Шалва Нателашвили.

«Лейбористон Партийы»  президенттæм кандидат, этникон къаддæрдæрты   минæвæрттимæ, æппæт-æмбæстагон  змæлд   «Бирæнацион Гуырдзыстоны»  организацигонд  форматы  фембæлдис.  Ацы  фембæлды  фæлгæтты   мадзалы   хайадисджытæм уыдис  фадат,   президенттæм кандидатæн, уыдонæн цымидисон темæтыл фарстатæ  дæттын.