Сергей Лавров -  Гуырдзыстоны президенты иуæй-иу фидиуæнтæ, агрессивон сты, фæлæ Уæрæсе Гуырдзыстонимæ ахастытæ номализацийæ интересджын у
Сергей Лавров - Гуырдзыстоны президенты иуæй-иу фидиуæнтæ, агрессивон сты, фæлæ Уæрæсе Гуырдзыстонимæ ахастытæ номализацийæ интересджын у

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры, Сергей  Лавровы  фидиуæнмæ гæсгæйæ,   Уæрæсе  зæгъгæ цæттæ у  Гуырдзыстоны хицауады   конструктивон  æнхъарæнтæ æркæсынмæ.  Фæнысангонд фидиуæн  Сергей Лавров  сарызта  видео-пресс-конференцийыл,  Димитри Лорткипанидзейы  фарсты  дзуаппæн, кæцы   хайад иста видео-пресс-конференцийы.  Димитри Лорткипанидзейы  бавдыста  модератор, куыд Примаковы номыл   гуырдзиаг-уырыссаг  æхсæнадон центры   директоры,  афтæ.  Лорткипанидзе, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты  министры бафарста  гуырдзиаг-уырыссаг  ахастыты нормализацийы æвæццæгæнады фæдыл.

Фарсты  контексты  Сергей Лавров  Гуырдзыстонæй  уæрæсейаг базæты  раконды  рæстæджы  цы бадзырдмæ  æрцыдысты,  уый  кой  ракодта.

«Путин æмæ Саакашвили, Гуырдзыстонæй  Уæрæсейы базæты  ракæныны фæдыл  бадзырды  иуæй-иу  раундыл, æрныхас кодтой, цæмæй   хъуамæ сарызтаиккой  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  иумæйаг   анти-террористон  центр, кæцы  регионы  кæнæ  уыцы ранмæ хæстæг  хъуамæ  байгом  уыдаит, кæцы ран  дислоциргонд уыдаит уырыссаг  базæтæ.  Уым  хъуамæ  куыстиккой  30  уырыссаг æмæ 200  гуырдзиаг  специалисты.  Афтæмæй  фæзындаит  хицæнхуыз символ, ома Гуырдзыстон æмæ  Уæрæсейæн  сæ иумæйаг знаг у  терроризм, фæнысан кæнын хъæуы, цæмæй  йеуæд Панкисы  комы  уавæр  уыд æнæстабилон.  Уый тыххæй  дæр центр  куыстаит  раст ацы  фарстыл, фæлæ  стæй   гуырдзиаг фарс  бадзырды ацы  пункт  реализацийыл не сразы ис.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, йеуæд  фылдæр  цыт  куы равдыстаиккой  ацы бадзырды рдæм,  уæд гæнæн ис  фæзындтæ  сценарийы  айтынг фæивын.  Уый  уыдаит  жест,  кæцы  ахæм сенситивон   сферæйы  æууæнкы æмæ   æмкуысткæнынады  иттæг хорз бындурæй суыдаит.  Афтæмæй Уæрæсе  цæттæ  уыдзæн,  гуырдзиаг сыхæгты   конструктивон  къадзæфтæн  размæ рацæуын æмæ Уæрæсе  фæнысангондæй  интересы бацæуæг у», – фехъусын кодта  Сергей Лавров.

Уый  ма  афтæдæр фæныхас кодта  Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы  æхсæн  дипломативон ахастытæ  сног кæныны  æвæццæгæнадыл.

Лавровы  дзырдæй,  зæгъгæ ацы  бастдзинад  аскъуыныны инициатор  Уæрæсе  нæ уыд.

«Ныр  Швейцарийы минæварады  архайы  Уæрæсейы  интересты секци  æмæ Мæскуыйы  та  Гуырдзыстоны  интересты  секци,  минæвæрттæ нæм нæй.  Кусынц  секциты къухдариуæггæнджытæ.  Афтæмæй  нæм ис  бастдзинад  ма  фесафыны  фадат.  Фæлæ   зæгъгæ  уыдаит æххæстаргъджын минæварад, уæд экономикон,  базарадон  æмæ культурон  фарстатæ  аскуыддзаг кæнын бирæ  оперативонæй  æмæ эффективонæй  уыдаит гæнæн», –  райхъусын кодта Лавров.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæйæ,  зæгъгæ  кæд Гуырдзыстон  банхъардзæнис базарадон  минæварады   байгом  кæнын, уæд Мæскуы  ацы  фарст æркæсынмæ  цæттæ у.

Сергей Лавров ма  афтæдæр  загъта,  цæмæй йæм зæгъгæ  ныфс ис, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон, авиа-змæллды  сног кæныны  фарст æввхас фидæны  кæй  аскуыддзаг кæндзысты  уый.

«Уæрæсе  Гуырдзыстонæн, асæй æртыккаг  базарадон партнер у. Гуырдзыстон  Газпромæй  исы   газ,  уый æппæт  бæрæг  факттæ  сты.  Хъыгагæн, нырмæ   нæй  авиа-змæлд. Ныфс мæ  ис, цæмæй   æввахс  фидæны  ацы  проблема   алыг уыдзæн.  Махæн  сегасдæр нысаниуæгджын уый у, цæмæй Гуырдзыстоны  ма уа  русофобион  кампани»,- загъта  Сергей  Лавров.

Уæрæсейы фсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр фæныхас кодта   Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилийы  Уæрæсейы  тыххæй   арызт  фидиуæнты фæдыл.

Лавров дзуры, зæгъгæ «Гуырдзыстоны президенты иуæй-иу фидиуæнтæ  агрессивон сты». Уый ма афтæдæр бафтыдта, цæмæй  фæнысангонд зæгъгæ «Æхсæнады  раст ахаст  æрфидар кæнынæн» ахъаззаг нæу.