Сергей Лавров – Уæрæсемæ, йæ  сыхаг бæстæты бацахсыны  ницы план ис, нæдæр йæм уыд æмæ  нæдæр гæнæн ис цæмæй йæм уа
Сергей Лавров – Уæрæсемæ, йæ сыхаг бæстæты бацахсыны ницы план ис, нæдæр йæм уыд æмæ нæдæр гæнæн ис цæмæй йæм уа

 

Уæрæсемæ, йæ сыхаг бæстæты бацахсыны  ницы план ис, нæдæр йæм уыдис æмæ  нæ дæр ис гæнæн, цæмæй йæм уа –  уый фæдыл  Уæрæсейы   фæсарæн  хъуыддæгты  министр  Сергэй Лавров  Примаковы  æхсæнадæмон форумыл дзырдæй  ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Лавровы дзырдæй,   зæгъгæ Уæрæсемæ йæ сыхæгты æрдæм агрессивон плантæ нæй  æмæ уый фæдыл  ныгуылæны  фидиуæнтæ  раст не сты.

Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны  къухдариуæггæнæг æрымысыд, цæмæй Пентагоны къухдариуæггæнæг  Ллойд Остин  йæхæдæг æнæ иу  хатт райхъусын кодта,  цæмæй  кæж  Иугонд Штаттæ  Украинайæн нæ рахæцдзысты йæ фарс, уæд Уæрæсе фæуæлахиз уыдзæн  æмæ ныббырсдзæн сыхаг бæстæтæм.

Сэргей Лавров йæ хъусдард раздæхта  OSCE-ы   ролмæ æмæ  загъта, цæмæй  гæнæн ис бацархайын OSCE-ы куыж  диалогы платформæйы  фервæзын кæнынæн, фæлæ   шанс æгæр чысыл у.

Лавровы  фидиуæнæй,  æхсæнадæмон   аренæйыл уæвæг   уавæры дыккаг  уазал хъæстæй  схонын гæнæн нæй, уымæн æмæ фундаментон хъауджыдзинад  уыд коллективон  ныгуылæны  бæстæты фæндон, скуынæг кодтаиккой æхсæнадæмон коллективон  æдасдзинады системæ æмæ  дзы спайда кодтаиккой Украинайæ  Уæрæсеимæ  гом конфронтацийæн.