Сергей Лавров -  Украинайы бавдыст сабырадон план ницæйаг у, уымæн æмæ  бындурæвæрд у  нæрайсгæ хъуыдыйæдтыл, цахæмдæр у Мæскуыйы раконд цы территоритæ бацахста  уырдгæй
Сергей Лавров - Украинайы бавдыст сабырадон план ницæйаг у, уымæн æмæ бындурæвæрд у нæрайсгæ хъуыдыйæдтыл, цахæмдæр у Мæскуыйы раконд цы территоритæ бацахста уырдгæй

Украинайы  бавдыст  сабырадон план   ницæйаг у, уымæн æмæ   бындурæвæрд  у  ахæм хъуыдыйæдтыл,  цахæмдæр у   Мæксуыйы раконд  цы территоритæ  бацахста уырдгæй –  уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр,  Сергей Лавров райхъусын кодта.

Лавров  уырыссаг рауагъдад  «Известиаимæ»  ныхасы загъта, цæмæй  «сабырадон  саммит»  æнтыстджын нæ уыдзæн, цалынмæ йæ фундаментон   ивд не рцæудзæн, уый нымæцы цалынмæ Уæрæсейæн нæ уыдзæн  хайад райсыны  бар  уæдмæ.

«Мах кæцыфæнды цауы цæттæ  стæм  дискусситæ ауадзынмæ, фæлæ  Украинайы президен Володимир Зеленскйы  «сабырады формулæйы» бындурыл  нæ.  Куыд ис гæнæн  кæцыфæнды  серьозон политик    Вашингтоны, Брюсселы, Лондоны, Паризы кæнæ Берлины  зæгъа, цæмæй  Зеленскийы  формулайæн альтернативæ  нæй» – райхъусын кодта  Лавров.

Лавров  загъта, цæмæй  фембæлдис Швейцарийы   официалон уæнгтимæ æмæ  дипломаттимæ, кæцытæ  йæ бауырнын кодтой, цæмæй  сабырадон саммит, кæцы Берны  ацæудзæн,  йæ хъуыдыйы  дары  Уæрæсейы æмхайад æмæ уагъд уыдзæн  реалистон  аууæлттæй.

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй, Швейцарийы  официалон уæнгтæ  йын загътой: «Æмбарæм, цæмæй  æнæдæуæй ницы  аскуыддзаг уыдзæн, уый  раст нæ уыдзæн» æмæ куыддæр  план «коллективон продуктæй» фестдзæн  афтæмæй Уæрæсейы фæхондзысты.

Уыимæ  Украинайы президент Володимир Зеленски  дæуд кæны Мæскуыимæ бадзырдты цыфæнды формæйæ  ауадзын, сабырадон планæй  дарддæр.