Себастьян Молинеус – Дунейон Банкъ æххуыс кæндзæн хицауады мадзæлттæн æнæнизхъахъхъæды, социалон ифтонгады æмæ экономикæ сæндидзын кæныны æрдгæй
Европæ мæ Централон Азийы регионæн Дунейы Банкъ цы экономикон бюллетен æрцæттæ кодта 2020 азы уалдзæджы руагъдмæ гæсгæйæ, COVID-19-ы (коронавирусы) пандемийы тæфаг фæрогдæр кæнынæн иттæг нысаниуæгджын у, ахæм скуыддзаггæн мадзæлттæ сыххæст кæнын, кæцытæ бæлвырд кæнынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады сферæйы инвестициты приоритетондзинад, афтæма, адæймæгтæн, сæрмагондæй та, сегасæй мæгуырау уæнгтæн социалон æххуыс сифтонг кæндзæн.
Уый тыххæй банысангонд у Дунейон Банкъы ахæлиугонд пресс-релизы.
Дунейон Банкъы информацийæ, зæгъгæ COVID-19-æй расайгæ зындзинадæты фæдыл прогнозтæ нырма бæрæг не сты. Уый тыххæй дæр хыгъдлæвæрд дæтты симуляцитæ экономикон рæзынады фæстиуджыты диапазоны равдисынæн, кæцыты материализаци гæнæн си æрцæуа пандемийы тыххæй.
Сценаритæ амонынц, цæмæй Европæйы æмæ Централон Азийы регионы 2020 азы фæбæрæг уыдзæн экономикон дæлæмæ хауд æмæ рæзынады бæрæггæнæн уыдзæн – 4.4 æмæ -2.8 процентты æхсæн, цалынмæ рæзын райдайдзæн уæдмæ, 2021 азы фадыгон политикæйы мадзæлттæ ауадзыны, базайрагон æргъты сындæггай сæндидзын кæныны æмæ базарады фæтынгдæр кæныны фæстиуæгæн.
Гуырдзыстоны тыххæй куы зæгъæм, уæд Дунейон Банкъы ахæлиугонд пресс-релизмæ гæсгæйæ, бæстæйы æмтгæйон мид продукты реалон рæзт, прогнозмæ æмбæлгæйæ, цæхгæр фæкъаддæр уыдзæн æмæ 2020 азы нулы йас процентмæ баввахс уыдзæн, уымæн æмæ COVID-19-ы тæфаг бамхас уыдзæн æнæуый дæр быцæусидтытæй едзаг æддаг уавæрмæ.
Уымæй уæлдай ма, Дунейон Банкъ райхæлдта, цæмæй Гуырдзыстоны экономикæмæ карз тæфаг уыдзæн цалдæр факторæн – транспортон арæнæвæрдтæ ахадынц балцыл æмæ туризмыл, æрмæст уромæг мадзæлттæ та каддæр кæнынц бынæттон æркуырд.
«Дунейон Банкъ у Гуырдзыстоны фидар æмæ æмзæрдæ партнер æмæ æххуыс кæндзæн хицауады мадзæлттæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады, социалон ифтонгады æмæ экономикæйы ногæй сфидар кæныны æрдгæй, кæцы æнæмæнгхъæугæ сты бæстæ æмæ цæрджытыл, пандемийæ расайгæ æндæвдад фæрогдæр кæнынæн», – банысан кодта Хуссар Кавказы Дунейон Банкъы регионалон директор Себастьян Молинеус.
Дунейон Банъкы бал æххæст кæны уæрæх, цырд реагиркæнынад, рæзгæ бæстæтæн баххуыс кæнынæн пандемийыл реагир кæнын фæтынгдæры нысанæн, низтæм цæстдард фæтынг кæнынæн, æнæнизхъахъхъæды интервенцитæ фæхуыздæрæн æмæ хицæн секторæн къухаразæг операциты æмæ кусæнуæтты мафесафынæн. Дунейон Банкъ финансон æххуысы хуызæй, 160 миллиардмæ æввахс АИШ-ы долларæй спайда кæндзæн, иннæ 15 мæйы дæргъы, бæстæтæн баххуыс кæнынæн, мæгуыр æмæ цыбыркъух бинонты ифтонгадæн, компанитæн æххуысæн æмæ экономикæ сæндидзын кæнынæн.