Себастьян Молинеус – цæттæ стæм Гуырдзыстонæн баххуыс кæнæм ацы  вазыгджын периоды
Себастьян Молинеус – цæттæ стæм Гуырдзыстонæн баххуыс кæнæм ацы вазыгджын периоды

Аналитикон куыст кæнæм,  финансон  æххуыс  кæнæм  бахъуаджы цауы  æмæ цæттæ стæм, куыдфæндыдæр баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн ацы  вазыгджын  периоды, – уый фæдыл  Хуссар Кавказы  Дунейон банкы  регионон  директор, Себастьян  Молинеус  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Дунейон банк  афойнадон  æххуыс  кæны  Гуырдзыстонæн.  Сæрмагондæй та, анализ кæны  финансты  министрадимæ æмæ Национ Банкимæ  иумæ, цы æндæвдад уыдзæн   Украинайы  цæугæ хæст  æмæ Уæрæсейы  ныхмæ  æрбайст санкцитæн Гуырдзыстоны  экономикæйыл.

«Ничи зоны  цас рæстæг аххæсдзæн ай æппæт,  хуыздæры ныфс нæм хъуамæ уа æмæ  нæхи та цæттæ  кæнæм фыддæрмæ. Дунейон Банк рагон партнер у Гуырдзыстонæн, 30  аз у, æмæ фидæны дæр дарддæр кæндзыстæм хъæддых партнерад  Гуырдзыстонæн  ацы  вазыгджын рæстæджы», – райхъусын кодта  Молинеус.

Себастьян  Молинеусы  дзырдæй,   нырма раджы у  экономикон рæзтыл   ныхас кæнын.

«Æцæгдæр нæ прогнозтæ  сты  ахæм, ома Гуырдзыстонæн рæзт 5.5%æй 2.2%-ы онг æрхаудзæн.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  фыццаг æртæ мæй абаргæйæ  фидар  уыдысты, иннæ æртæ мæйы  уыдзысты критикон, стæй, мæ хуъыдымæ гæсгæйæ,  бирæ  хуыздæр  уавæр уыдзæн, цæмæй аргъ скæнæм, цавæр уыдзæн  реалон рæзт  Гуырдзыстонæн ацы  аз.  Фæлæ мæ фæнды бахахх кæнын, цæмæй рæзт   афæдзы фыццаг æртæ мæйы реалонæй  хъæддых уыдис», –  райхъусын кодта  Молинеус.