Ираклий Гъарибашвили – ацы аз  тынг бæрзонд, 7% экономикон   рæзт нын ис
Ираклий Гъарибашвили – ацы аз тынг бæрзонд, 7% экономикон рæзт нын ис

Ацы аз нын ис  бæрзонд-  7% экономикон рæзт, афтæма туризмы   æрдæмадæй  нын ис  тынг позитивон  æмæ  оптимистон бæрæггæнæнтæ, –  уый фæды л Гуырдзыстоны премьер-министр Гъарибашвили  хицауады рабадтыл  загъта.

«Фæнды мæ цалдæр  позитивон информаци  фехъусын кæнын, ацы  аз нын тынг бæрзонд, 7%-он экономикон рæзт ис, афтæма  туризмы  æрдæмадæй нын ис   тынг позитивон  æмæ оптимистон   бæрæггæнæнтæ. Дæнцæн, фыццаг  кварталы  1 200 000-æй фылдæр æхсæнадæмон  бæлццон   фæуазæг ис Гуырдзыстонмæ, кæцы,   кæй  зæгъын æй хæъуы,  тынг бæрзонд   бæрæггæнæн у, ивгъуыд азы  январ-марты  периодимæ куы абарæм уæд  110%-он рæзт у.  Афтæдæр рæзы  базарад, фыццаг кварталы, январ-марты  экспорты   25%-он рæзт   сфиксир ис æмæ  ахæццæ ис  1.461  милиард доллармæ, кæцыфыццаг кварталы   рекордон   бæрæггæны æмиас у», – банысан кодта премьер.